08 сентября 2022, 10:23
Цæгат Ирыстоны 200 адæймагæй райстой ног дæсныйад, кæнæ та фæуæлдæр кодтой сæ квалификаци
Ацы азы райдианæй нырмæ, республикæйы адæмæн куыстдæттыны центрмæ куысты бынат ссарыны тыххæй æххуысагур бацыдысты 12 мин адæймагæй фылдæрæй
Цæгат Ирыстоны 2 сæдæ адæймагæй фылдæрæй 2022-æм азы райстой ног дæсныйад, кæнæ та фæуæлдæр кодтой сæ квалификаци. Ацы азы райдианæй нырмæ, республикæйы адæмæн куыстдæттыны центрмæ куысты бынат ссарыны тыххæй æххуысагур бацыдысты 12 мин адæймагæй фылдæрæй. Се мбис ифтонггонд æрцыдысты æмбæлгæ куысты бынæттæй. Уымæй уæлдай, ацы аз бакусыны фадат радтой 9 сæдæ цыппор дыууæ æнахъом сывæллонæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ фæсивæды хсæн афæдзæй афæдзмæ фылдæр кæнынц куысты ныллæуын кæй фæнды, ахæмтæ. Ацы хъуыддаджы фыццаджыдæр баххуыс кæнынц царды зын уавæрты чи бахауди, ахæмтæн.
темæмæ гæсгæ




