Æнæмæнг, сæ цæрджыты курдиæттæ хынцгæйæ
Адæмы курдиæттæм цæстдард. Президентон æхсæнадон змæлд «Адæмон фронт»-ы регионалон хайады минæвæрттæ та федтой Дзæуджыхъæуы хæдзæртты кæртыты сывæллæтты хъазæн фæзты уавæр. Æнæмæнг, сæ цæрджыты курдиæттæ хынцгæйæ. Æркасты рæстæг семæ уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.
Ватутинæйы уынджы 55-æм хæдзары цæрджытæ хъазт кæнынц сæ кæрты цы сывæллæтты хъазæн фæз ис, уый уавæрæй. Саст хъеллаугæнæнтæ, хъазæн къуыбыртæ æнæ асинтæй. Карз уарынтæ, рæстæджы цыдимæ фехæлдтой арæзтады бындур. Тæссаг уавæрты дзы фæхъазынц сабитæ. Ныййарджыты ныхæстæмæ гæсгæ – сфæлмæцыдысты тæрсгæ ризгæйæ кæсын сæ сывæллæттæ сæхи куыд ирхæфсынц ацы фæзы, уымæй.
Уымæй уæлдай ма, сывæллæттæ хъазынц бырæтты контейнерты цур. Инна Твалиашвили ацы хæдзары цæры 10 азæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы спортивон фæз дæр уыди, фæлæ кæрдæджы бын фæцис, йæ спортивон мигæнæнтæ та ныппырх сты. Дзæуджыхъæуы администрацимæ цы курдиæттæ æрвыст цыд, бирæ рæстæг, уыдоны фæрцы нæ бантыст фарста алыг кæнын.
Президентон змæлд «Адæмон фронт»-ы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ Ватутины уынджы ацы хъазæн фæз иунæг нæу, æркæсинаг чи у, ахæм. Шмулевичы уынджы 14-æм хæдзары футболон фæзы та сывæллæттæ хъазынц асфальтыл. Аллы хъазæн фæзы та, хъуамæ уа змисы бынат, фæлæ иуы дæр уыцы хъуыддаг æмбæлгæ уагыл нæу.
Ацы сывæллæтты фæз та Терчы былгæрон Къесайы фырты уынджы ис. Цалдæр азы размæ йæ рацарæзтой æппæт нырыккон домæнтæм гæсгæ. Спортивон тренажертæ дзы уыд куыд сабитæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр. Æхсæнадон кусджытæ ныхæстæм гæсгæ, ныр ам сывæллæттæн тæссаг у сæ рæстæг æрвитын. Быруты æркæлынмæ бирæ нал хъæуы, футболон фæз дæр у æвзæр уавæры. Хъыгагæн, æппæт ацы хъуыддæгтæ хæлд æрцыдысты адæмы аххосæй.
Адæмон фронты минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр алыран иухуызæн нæу. Алы хъуыддагмæ дæр дзы æркæсын хъæуы хицæнæй. Æвæгæсæгæй нæ баззайдзысты сывæллæтты фæзтæ. Æппæт фыстæджытæ æмæ курдиæттæ дæр æрвыст æрцæудзысты администраци æмæ профилон ведомствæтæм. Уыдоны дзуаппæй сбæрæг уыдзæн, чи сæм хъуамæ йæ цаст дара, уыцы куыстуат.




