филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:10 воскресенье, 01 февраля 2026
29 сентября 2022, 11:01
Дигорайы цæрджытæй лæвар

Æрмдæсны, нывгæнæг Гуæздæрты Туркман, ныридæгæн, йæ ном сæнусон кодта йæ ног сконд хъуыддагæй

Дигорайы цæрджытæй лæвар.  Æрмдæсны, нывгæнæг Гуæздæрты Туркман, ныридæгæн, йæ ном сæнусон кодта йæ ног сконд хъуыддагæй.  Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны мин сæдæ азы бонмæ йе мбæлттимæ   цардмæ рахастой сæ диссаджы æрхъуыды. Цæгат Ирыстоны  фæзынд  Мария Ясыняйы дзуарыныв. Куыст ыл цыд афæдзы рдæгмæ хæстæг. Æрмдæсны, Гуыздæрты Туркманы æрмадз бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.

Зæрдиаг лæвар. Дзуарыныв æвæрд уыдзæн дыууæ метрæй стырдæр киодыл. Хъæды куыстытæ бакæныны фæстæ, нывгæнджытæ биноныгæй архайдтой йæ саив кæныныл. Йæ алы хаххæн дæр ис цыдæр диссаджы, уæларвон нысаниуæг загъынц йæ саразджытæ. Уымæ гæсгæ йыл  кусын дæр хъæуы сыгъдæг хъуыдытæ æмæ райдзаст æнкъарæнтимæ.

Æрмдæсны Гуæздæрты Туркманы куыстыты фылдæр хай баст у динимæ. Йæ монцтæ æмæ йæ хъуыдытæй рауайы националон æмæ чырыстон дины нысантæй хъæздыг хъуыддаг. Мæйæ фылдæр фæкуыста  дзуары хъæдын хай саив кæныныл.

Киот арæзт у æртæ хайæ, æмæ дзы алкæцыдæр æнæбафæзмгæ у йæхи хуызы. Дзуарыныв саив кæныныл та бацархайдта Дзæуджыхъæуæй  хуынд специалист.

Мария Ясыня уыди  алайнаг æхсин. Йæ хъарутæ не вгъау кæнгæйæ лæггад кодта адæмæн æмæ Хуыцауæн. Йæ хъæппæрисæй фæзынд аргъуантæ, ахуыр кодта сывæллæтты, æнххуыс кодта фæкæсынхъуаг адæмæн. Ирыстоны йын алкæддæр кодтой стыр аргъ æмы кад. Мария Ясыняйы ма хонынц ирон æмæ уырыссаг адæмы иудзинады нысан. Цыппар кънязы мад,  Александр Невскийы фыды мад. Зæгъын ма хъæуы уый дæр æмæ йæ фæдонтæ дæр хаст кæй æрцыдысты рухс дзуæртты номхыгъдмæ. Бæрæгбоны фæдыл Дзуар, Дигорайы цæрджытæ лæварæн скодтой Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Герасимæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania