14 октября 2022, 10:50
Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны агъоммæ арæзт æрцыд конкурс «Ирон аив дзырды дæсны»-йы республикон къæпхæн
Архайдтой дзы муниципалон къæпхæнты 33 уæлахиздзауы
Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны агъоммæ арæзт æрцыд конкурс «Ирон аив дзырды дæсны»-йы республикон къæпхæн. Архайдтой дзы муниципалон къæпхæнты 33 уæлахиздзауы. Сты 8-11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ ерыс кодтой дыууæ номинацийы: «Къостайы номимæ баст хуыздæр авторон æмдзæвгæ» стæй «Поэтты-юбилярты æмдзæвгæты аив бакаст». Конкурсы жюрийы уыдысты хистæр кары ахуыргæнджытæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, газетты минæвæрттæ æмæ методисттæ. Мадзал арæзт вæййы республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй.
темæмæ гæсгæ




