Концерты æрмæст районы сфæлдыстадон къордтæ нæ архайдтой, фæлæ ма Свердловскы облæстæй уазджытæ дæр
Кавказыл тохы 80-ай азы кадæн Мæздæджы районы культурæйы галуаны арæзт æрцыди кадджын мадзал. Хореографион номертæ, æфсæддон зарджытæ, æмæ æмдзæвгæтæ – концерты æрмæст районы сфæлдыстадон къордтæ нæ архайдтой, фæлæ ма Свердловскы облæстæй уазджытæ дæр. Уралы минæвæрттæ семæ сластой се мзæххон хъæбатыр Степан Неустроевы тыххæй документалон киноныв. «Комбат Победы» – Советон Цæдисы хъæбатыр, Рейхстагы штурмы архайæджы афтæ хонынц йæ райгуырæн зæххыл. Хъæбатыры легендарон хæстон фæндæгтæ, йæ цардвæндаг æмæ историон цаутæ, Комбат Победы рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладмæ цы вæрæн бахаста, уыцы кинонывмæ æрбацæуджытæ бакастысты стыр цымыдисæй. Кæронмæ куы фæцис, уæд ын адæм æмдзæгъд кодтой лæугæйæ. Свердловскы облæсты цæрджытæ æмæ Мæзддæджы «Æфсæддон æфсымæрад»-ы æмархайд райдыдта 6 азы размæ. Стыр æнтыстдзинæдтæ сæ къухы бафтыд агурæн-иртасæн къабазы.




