Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ
Цæгат Ирыстоны мобилизацигонд чи рцыди, ахæм 830 æфсæддоны бинонтæ уыцы иу хатт райсдзысты фæйнæ 30 мин сомы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Реестрыл куыст цæуы æнæрлæугæйæ. Сергей Меняйло министрадæн бахæс кодта, мобилизацийы чи бахауд, уыцы фæсивæды бинонтæн уæлæмхæсæн фиддонтæ дæттыны фарстайыл бæстонæй бакусын. Æмбырды æрныхас кодтой коронавирусы уавæрыл дæр. 5-æм къуыри низы æмвæзад кæны къаддæр. Уый размæимæ абаргæйæ ивгъуыд къуыри, бæрæггæнæнтæ фæкъаддæр сты 40%. Цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы ивгъуыд къуырийы арæнты сæрты дыууæ рдæм дæр ахызти 17 мины 190 машинæйы иуæджы, стæй 43 мины æмæ 5 сæдæ адæймаджы бæрц. Ныртæккæ уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахизынмæ Цæгат Ирыстоны рады лæууынц 842 уæзласæн машинæйы.




