01 ноября 2022, 11:25
Дауны синдромимæ сывæллæттæ систы фотопроекты хъайтартæ
Æхсæнады æргом раздахын сæрмагонд сывæллæттæм
«Замечая лучшее». Дауны синдромимæ сывæллæттæ систы фотопроекты хъайтартæ. Æхсæнады æргом раздахын сæрмагонд сывæллæттæм. Ахæм у æхсæнадон организаци «Время перемен»-ы директор Хъотайты Альбинæйы равдысты сæйраг нысан. Экспозицийы ис 25 хуызисты. Алкæцыйыл дæр – сывæллæтты зæрдæхæлардзинады тынтæ. Фотопроект царды рауадзын баххуыс кодта зындгонд хуызисæг Тменаты Барис. Равдыст байгом Сабырдзинады проспекты. Бацæттæ йæ кодтой Дауны синдромы тыххæй зоныны мæймæ. Горæты сæйраг уынгыл цæугæйæ, алкæмæндæр йæ бон у æрлæууын, æмæ бакæсын гом арвы бын равдыстмæ.
темæмæ гæсгæ




