03 ноября 2022, 11:55
Цæгат Ирыстоны райдыдта республикон сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон мæ зæрдæйы»
Архайдзысты дзы 1-11 кълæсты ахуырдзаутæ
Цæгат Ирыстоны райдыдта республикон сфæлдыстадон конкурс «Ирыстон мæ зæрдæйы». Архайдзысты дзы 1-11 кълæсты ахуырдзаутæ. Конкурс арæзт уыдзæн æртæ номинацийæ. Сывæллæттæ сæ тыхтæ бафæлвардзысты мадæлон æвзагыл эссе кæнæ æмдзæвгæ ныффыссыны, стæй Ирыстонмæ уарзондзинады темæйыл ахорæнтæй ныв саразын. Конкурс аразынц æхсæзæм хатт хæрзаудæн фонд «Фарн» æмæ йæ саразæг Мæхъиты Зурабы æххуысæй. Азæй азмæ рæзы йæ архайджыты нымæц. Æрмæст ивгъуыд аз конкурсмæ балæвæрдтой 800 курдиаты. Сфæлдыстадон ерыстæ цæуынц онлайн-хуызы. Курдиæттæ исдзысты электрон хуызы, 15-æм декабрьмæ.
темæмæ гæсгæ




