08 ноября 2022, 11:28
Уæрæсейы райдыдтой Стыр этнографион диктант фыссын
Рухстауæн акцийы бацархайдта Цæгат Ирыстон дæр
Уæрæсейы райдыдтой Стыр этнографион диктант фыссын. Рухстауæн акцийы бацархайдта Цæгат Ирыстон дæр. Диктант фыстой Национ музейы. Акци фæуыдзæн 8-æм ноябры. Йæ сæйраг нысан у – адæмы ргом культурæмæ æмæ историмæ здахын, стæй ма Уæрæсейы цæрæг адæмы хæттыты тыххæй фылдæр базонын. Фарон ахæм мадзалы бацархайдтой 26 мин адæймагæй фылдæр. Ацы хатт дæр къаддæр хъуамæ ма уой. Этнокультурон зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны фадат ис нæ бæстæйы алы цæрæгæн дæр.
темæмæ гæсгæ




