09 ноября 2022, 11:18
Цæгат Ирыстон сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвыста 14 тоннæй фылдæр гуманитарон æххуыс
Къоппыты æрæмбырд кодтой – фыццаджыдæр чи хъæуы, ахæм фæрæзтæ, хойрæгтæ, дзаумæттæ æмæ хостæ
Акци «Салдатæн æрвыстæг» æххæст кæнгæйæ, Цæгат Ирыстон сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвыста 14 тоннæй фылдæр гуманитарон æххуыс. Къоппыты æрæмбырд кодтой – фыццаджыдæр чи хъæуы, ахæм фæрæзтæ, хойрæгтæ, дзаумæттæ æмæ хостæ. Æмбырдты бацархайдтой коммерцион организацитæ, паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ æмæ Ирыстоны цæрджытæ. Алы къоппы дæр ис скъоладзаутæй æмæ рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæй писмотæ æмæ нывтæ. Фонд «Быть добру»-йы волонтертæ æмæ 58 æфсады службæгæнджытæ гуманитарон æххуыс бавгæдтой уæзласæн машинæты. Уыдон сæ аластой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн.
темæмæ гæсгæ




