филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:37 воскресенье, 01 февраля 2026
09 ноября 2022, 11:27
Æхсæрысæры цалдæр хæдзары сты кæлæддзаг уавæры

Сæ аххосаг – къæвдаты дæттæ

Къултæ скъуыдтæ кæнынц, цартæ тæдзынц, пъолтæ ныттыдтой. Æхсæрысæры цалдæр хæдзары сты кæлæддзаг уавæры. Сæ аххосаг – къæвдаты дæттæ. Ламидæттæ куы рацæуынц, уæд фесафынц цæхæрадæтты тыллæг дæр, куыд фæстæмæ дзы мæр дæр нал ис. Цæрджытæ æххуысагур цæуынц алы куыстуæттæм, фæлæ уавæр нырма нæ ивы. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Ламидæтты алы рацыд дæр Джимиты Æхсары хæдзарæн æрхæссы знаггад. Агъуыстыты къултæ афтæ аскъуыдтæ сты, æмæ дзы цæрын у тæссаг. Хæдзары хицау цæры, электрон тых ма дзы цы иу уаты ис, уым. Иннæ агъуыстыты къултæ раджы æркалдысты. Уавæр зыны экрантыл, хæдзар иуварсмæ акъул. Кæрты фенæн ис хæдзары дзаумæттæ æмбæрзтæй. Джимиты Æхсар зæгъы,  уыдон уæддæр куы нæ фехæликкой, зæгъгæ.

Мæхæмæтты Русланæн йæ фыдæй цы хæдзары хай баззад, уый райхалын бахъуыди къухæй. Хæдзары бындур пырх, къултæ дæр хуыздæр уавæры нæ. Æхсæрысæры цæрæг куыд зæгъы, афтæмæй æхсæвыгæтты фæхъусы, хæдзары къултæ куыд скъуыдтæ кæнынц, уый. Арæзтад æнæхъæн хуыз у, уæддæр æй сцалцæг кæнæн нал ис.

Хъæуы цæрджытæ æххуысагур курдиæттæ лæвæрдтой республикæйы алыхуызон куыстуæттæм, уыимæ, æнæнхъæлæджы цауты министрадмæ æмæ прокуратурæмæ дæр. Сæрмагонд кусæг къамис мониторинг скодта бæстыхæйттæн, аргъ скодтой уавæрæн æмæ аныхас кодтой хæдзæртты хицæуттимæ.

Ныккæлынæй тæссаг кæмæн у, уыцы хæдзæрттæ банымадтой цæрынæн тæссаг чи у, ахæмтыл. Ахæм хæдзæрттæ ма Æхсрысæры ноджыдæр ис 5. Алкæцыйы дæр дзы згъæлынц къултæ, ныккалдысты пъолтæ, цартæ тæдзынц. Уый иу, иннæ хъуыддаг – цæхæрадæттæ. Къæвдатæ дзы мæр нал ныууагътой, æмæ дзы зайгæ дæр ницыуал кæны. Арæзтады æмæ архитектурæйы министрады куыд загътой, афтæмæй цæмæй  фарста лыггонд æрцæуа, уый тыххæй  хъæуы миллиардæй фылдæр. Респуликæмæ ахæм фæрæзтæ нæй. Ныртæккæ ведомствæ агуры гæнæнтæ, ацы хъуыддагыл федералон бюджеты æххуысæй бакусынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania