Фембæлд саразыныл бакуыста республикæйы пысылмæтты управлени
Дзæуджыхъæуы æрныхас кодтой бинонты хсæн ахастдзинæдтыл æмæ адæмты иудзинадыл. Фембæлд саразыныл бакуыста республикæйы пысылмæтты управлени. Æмбырдмæ æрбахуыдтой Цæгат Ирыстоны, Цæгат Кавказы федералон зылды æмæ Хъалмыхъы республикæйы дины организациты минæвæртты. Уыдон бæстон æрлæууыдысты, бинонты институт кæй хонынц, уыцы хæзнатыл, дины алы хуызты тæваг бинонты ахастдзинæдтыл куыд фæбæрæг вæййы, ууыл, стæй ныгуылæн бæстæтæ цы мæнг миниуджытæ парахат кæнынц дунейы бæстæты, уыцы фæзындтыл. Нæ иумæйаг æмæ сæйраг хæс у – рæзгæ фæлтæры раст хъомыладыл кусын, се хсæн æнæниз цардыуаг парахат кæнын. Уæлдай æргом аздæхтой – фæстаг рæстæг скъолаты хæцæнгарзимæ фыдбылызтæ кæй æрцæуынц, уымæ. Уый фæдыл æмбырды презентаци скодтой уæрæсейаг политолог Яна Амелинæйы сфæлдыстадон куыстæн.




