филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:40 воскресенье, 01 февраля 2026
11 ноября 2022, 11:11
Дзæуджыхъæуы Кольбусы уынджы хид цалцæггæнæн куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны

ындурон цалцæг нæ уыд, 70 азы размæ йæ куы сарæзтой, уæдæй нырмæ

Дзæуджыхъæуы Кольбусы уынджы хид цалцæггæнæн куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны. Бындурон цалцæг нæ уыд, 70 азы размæ йæ куы сарæзтой, уæдæй нырмæ. Куыстытæ къуылымпы кæны Терчы доны цыд. Уымæ гæсгæ специалистты хъæуы лæмбынæгдæр куыст кæнын. Цæрджытæн ног рæсугъд хидыл ацæуыны фадат уыдзæн иннæ аз, фæззæджы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Терчы доны бын экскаватор къахы арфæй – арфдæр. Кольбусы уынджы цы хид цалцæг кæнынц, уырдыгæй аиуварс кæнын хъæуы цæугæдоны цыд. Фæлæ æрдзимæ тох кæнын тæссаг у, æмæ уымæ гæсгæ специалистты хъæуы лæмбынæг куыст кæнын.

Ацы хидыл цæуы 70 азы, æмæ уал азмæ бындурон цалцæггонд никуы ма уыд. Згæ бырутæ æмæ хæлд асфальт. Аварион уавæры ис, арæзтад цæуыл æнцой кæны, уый дæр. Йæ уылты цæуынц газы хæтæлтæ дæр. Хъæуы сæ баивын. Хидмæ хæстæг цы адæм цæрынц, уыдон тынг æнхъæлмæ кæсынц æдас ранмæ. Уæлдайдæр та гыццыл сывæллæтты ныййарджытæ.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хид бындурон цалцæг скæндзысты нырыккон технологитæм гæсгæ. Уыдзæн дзы ног асфальт, баивдзысты дзы быру, стæй бакусдзысты газы хæтæлтыл дæр. Уымæй уæлдай ма объект срæсугъд кæндзысты ирд рухсытæй. Æрмæст хъæддыхдæр æй нæ фæкæндзысты, фæлæ ма фæрæсугъддæр уыдзæн. Объект хъуамæ срæвдз уа иннæ фæззæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania