Ахæм системæ саразын бахæс кодта республикæйы сæргълæууæг
Транзитон уæзласæн машинæты цыд уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы уылты фенцондæр электрон рады фæрцы. Ахæм системæ саразын бахæс кодта республикæйы сæргълæууæг. Пъланмæ гæсгæ йæ хъуамæ скусын кодтаиккой ацы азы кæрон. Фæлæ ацы хъуыддаг къухы бафтыд бирæ раздæр. Системæ кусын райдыдта августы. Йе руаджы шофырты къуыригай рады лæууын нал хъæуы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Телефоны номер, транспорты паспорт, товарты уæлæфтау гæххæтт. Ахæм у, электрон рады слæууынæн цы документтæ хъæуы, уыдоны номхыгъд. Системæ арæзт у, уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ыуылты чи цæуы, уыцы уæзласæн транспорты шофыртæн. Фæндаджы змæлдмæ цæст дарæн ис онлайн. Уый тыххæй хъæуы æрмæст чырæ телефон æмæ интернет. Æппæт актуалон бæрæггæнæнтæ фæндаггон змæлд аразыны центры кусджытæ равæрынц сæ сайты.
Электрон рад амалгонд æрцыд республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Абоны онг Уæрæсейы у иунæг. Шофырты ныхæстæм гæсгæ, ацы системæ сын сæ цард зынгæ фенцондæр кодта.
Электрон рады слæууын ис сæрмагонд æвæрд пункты. Æдæппæтæй республикæйы сты 3 – Архонкæмæ фæндагыл, «Иран»-ы æмæ «Алханчурт»-ы постты. Дарддæр ма системæйыл бакусдзысты æмæ йæ скæндзысты ноджы æнцонвадатдæр. Алыг ма кæндзысты, регионы разамонæг кæй сæвæрдта, иу ахæм хæс – Ираны, Алханчурты æмæ Цмийы хъæуты раз скæндзысты æрлæууæнтæ уæзласæн транспортæн.
Проект царды рауадзыныл архайдтой цалдæр структурæйы – нымæцон райрæзты комитет, мидхъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы гварди. Электрон рад кусын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ «Уæллаг Ларсы» уадзæн гæнæнтæ сырæзтысты суткæмæ 400-500 уæзласæн машинæйы онг.




