Бацæттæ йæм кодтой сывæллæтты Æппæтуæрæсеон конкурсты лауреатты æмæ уæлахиздзауты нывтæ
Национ наукон библиотекæйы байгом Мæздæджы нывкæнынады скъолайы хъомылгæнинæгты куыстыты равдыст. Бацæттæ йæм кодтой сывæллæтты Æппæтуæрæсеон конкурсты лауреатты æмæ уæлахиздзауты нывтæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Мæздæджы аивадон скъола нымад у нæ республикæйы рагондæр ахуыргæнæндæттæй иуыл. Бындур ын æвæрд æрцыди 60 азы размæ. Йæ рауагъдонтæй 250 адæймагæй фылдæр систы профессионалон нывгæнджытæ, дизайнертæ, архитектортæ æмæ аивадиртасджытæ. Се хсæн Уæрæсейы нывгæнджыты æмæ архитекторты Цæдисты уæнгтæ, стæй аивадиртасджыты Ассоциацийы минæвæрттæ. Алы аз дæр скъолайы зындгонд рауагъдонтæ скæнынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Скъолайы ахуыр кæнынц 6 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ.




