филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:28 пятница, 01 ноября 2024
15 ноября 2022, 11:20
Сергей Меняйло агентад ТАСС-ы бындурыл пресс-конференцийы фæлгæты радзырдта мобилизацийы тыххæй

Куыд загъта, афтæмæй республикæ йæ размæ вæрд хæстæ сæххæст кодта

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло информацион агентад ТАСС-ы бындурыл пресс-конференцийы фæлгæты радзырдта Цæгат Ирыстоны мобилизацийы тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй республикæ йæ размæ вæрд хæстæ сæххæст кодта. Ныхас ма цыди, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыдоны бинонтæн уыцы иу хатт фæйнæ 30 мин сомы раттыныл. Регионы разамонæг куыд бахæс кодта, афтæмæй арæзт цæуынц социалон паспорттæ. Мобилизацийы хыгъдмæ чи бахауди, уыдоны бинонтæн æххуыс кæныны мадзæлттæ æххæст кæндзысты амæй фæстæмæ дæр. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг, дыууæ рдыгæй амынæты уæвæг æфсæддонты баивдзысты. Фарстатæй иу баст уыди, не мзæххон æфсæддонтæй амынæты чи ис, уыдонимæ. Сергей Меняйло загъта, не мзæххонтæй амынæты цы 3 адæймаджы ис, уыдондæр хаст æрцыдысты Украинæимæ баивынмæ кæй хъавынц, уыдоны хыгъдмæ. Уæвгæ, амынæты уæвæг æфсæддонты хъуамæ октябры кæрон баивтаиккой, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ хъуыддаг ныддæргъвæтин. Боны фæткмæ ма хаст æрцыди хæстонты экипировкæ æмæ æндæр хъæугæ хъуыддæгтæй сифтонг кæныны фарста.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania