филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:02 воскресенье, 01 февраля 2026
15 ноября 2022, 11:31
Фæскомцæдисонты парк саив кæндзысты

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн фембæлд уыди ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Аланимæ

Фæскомцæдисонты парк саив кæндзысты. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн фембæлд уыди ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Аланимæ. Ныхасы ма архайдта горæты архитектурæ æмæ арæзтады управленийы хицау Хъараты Алан дæр. Ныридæгæн райдыдтой территори ног кæныны куыстытæ. Архитектортæ аивдзинады проект баххæст кæндзысты æмæ йæ адæмы размæ рахæсдзысты иннæ аз. Ацы бонты уал халынц быру. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй университеты территори паркæй хицæн кæндзæн ног æфсæйнаг быруйæ. Фæнд дзы кæнынц рекреацион зонæ саразын дæр. Уый фæрцы Ватутины уынджы змæлд фæкъаддæр уыдзæн, стæй сæйраг бацæуæн арæзт æрцæудзæн Пушкинскийы уынджы уылты. Милдзыхты Вячеслав бахаста, ацы фарстайыл æрныхас кæнынмæ Дзæуджыхъæуы цæрджыты ргом раздахыны фæндон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania