Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой, горæты хæдзарады æмæ æхсæнадон царды ахсджиагдæр фарстатыл
Дзæуджыхъæуы администрацийы уыд Æхсæнадон Советы президиумы æмбырд. Амыдта йæ Михаил Шаталов. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой, горæты хæдзарады æмæ æхсæнадон царды ахсджиагдæр фарстатыл. Сæрмагонд æргом аздæхтой Дзæуджыхъæуы сæйраг хайы фæндæгты уавæрмæ æмæ магистралон уынгты æнæмæнг цалцæггæнæн куыстытæ кæй сæххæст кæнын хъæуы, уымæ. Советы кусæг къамис цы фæндонтыл бакуыста, уыдон æрвыст æрцæудзысты горæты администрацийы разамындмæ, цæмæй æмбæлгæ мадзæлттæ саразой, уый тыххæй. Æмбырды архайджыты иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, Советы хыгъды хъæуы ротаци сæххæст кæнын æмæ йæм æрбахонын æхсæнадон куысты ахсджиаг къабæзтæй специалистты. Æхсæнадон-политикон уавæр хынцгæйæ ма Советы сæрдар Михаил Шаталов бахаста фæндон, уæрæхгонд æмбырд саразыны тыххæй. Хуынд æм æрцæудзысты паддзахадон æмæ æхсæнадон структурæты минæвæрттæ.




