16 ноября 2022, 11:36
Дзæуджыхъæуы Хъодзаты Æхсарæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Бакодтой йæ Коцойты Арсены уынджы 15-æм хæдзары къулыл
Дзæуджыхъæуы Хъодзаты Æхсарæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Бакодтой йæ Коцойты Арсены уынджы 15-æм хæдзары къулыл. Хъодзаты Æхсар уым фæцарди бирæ азты. Фæйнæг байгом кодта адæмон поэты хъæбулы хъæбул. Кадджын мадзалы архайдтой прозаикы хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ, йе мкусджытæ æмæ æхсæнадон архайджытæ. Мемориалон фæйнæг æвæрд æрцыд республикæйы фысджыты цæдисы хъæппæрисæй. Ацы хъуыддаджы баххуыс кодта Дзæуджыхъæуы администраци. Куысты автор – скульптор Хайты Ибрагим. Хъодзаты Æхсар йæ цардæй ахицæн фарон. Цыдис ыл 84 азы. Адæмон поэт стыр æвæрæн бахаста ирон литературæйы райрæзтмæ. Ахæм уыд æмбырды архайджыты се ппæты хъуыды.
темæмæ гæсгæ




