филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2022, 12:11
Беслæны 3-æм скъолайы сарæзтой патриотон хъомылады тыххæй мадзал

Æрбахуыдтой йæм бæрнон уазджыты æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты

Фыдыбæстæйы хъæбатырты зонгæйæ. Беслæны 3-æм скъолайы сарæзтой патриотон хъомылады тыххæй мадзал. Æрбахуыдтой йæм бæрнон уазджыты æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты. Скъоладзаутæ сын бацæттæ кодтой хæстон темæйыл инсценировкæтæ, бахъæлдзæг сæ кодтой зарджытæй æмæ кæфтытæй. Уыдис дзы Афганистаны хæсты архайæг Бердиаты Аслан дæр. Цавæр æнкъарæнтæ уыдис скъоладзаутæм, уый тыххæй радзурдзæн Хæуытаты Зитæ.

«Кад æмæ намыс». Афтæ схуыдтой, Беслæны 3-æм скъолайы цы мадзал сарæзтой, уый. Баст уыд скъоладзауты патриотон хъомыладимæ. Уыцы хъæппæрис фæзынд куыд ахуыргæнджытæм, афтæ скъоладзаутæм сæхимæ дæр. Ахуыргæнинæгты фæндыд, Украинæйы цы Ирыстойнаг æфсæддонтæ ис, уыдоны фарс рахæцын.

Мадзалмæ æрбахуыдтой бирæ каджжын уазджыты. Се хсæн – Уæрæсейы скъоладзауты змæлды цæгатирыстойнаг хайады координатор Мæргъиты Жаннæйы, афгайнаг хæсты æфсæддон Бердиаты Асланы, Рахизфарсы районы сылгоймæгты ныхасы минæвар Дзукъаты Беллæйы, сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары директор Гасынты Алетæйы æмæ Рахизфарсы районы æвзонг æфсæддонты минæвар Моргуаты Чермены. Бердиаты Аслан арахайдта афгайнаг хæсты. Бирæ азты фæкуыста ахуыргæнæгæй. Сывæллæттæ йæ тынг бирæ уарзынц. Мадзалмæ æрбацыд, цæмæй скъоладзаутæн радзура нæ хъæбатырты тыххæй. Уымæн æмæ сын сæ нæмттæ хъæуы зонын, æмæ сæ ма бауадзын рæзгæ фæлтæрæн ферох кæнын.

Беслæны 3-æм скъолайы  рæстæгæй-рæстæгмæ фæаразынц алыхуызон мадзæлттæ. Сывæллæттæн арæх фæдзурынц Ирыстоны хъæбатырты тыххæй. Афтæмæй скъоладзаутæм райгуыры Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æмæ æцæг патриотон æнкъарæнтæ.

Ахсджиаг у рæзгæ фæлтæрæн хъомыладон уроктæ аразын. Хъæуы сын дзурын æмæ зæрдылдарын нæ хъæбатырты нæмттæ, цæмæй сæ уыдон дæр сæ рæстæджы амоной ног фæлтæртæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania