Сергей Меняйло бабар кодта, федералон бюджетæй фæрæзтæ цы 14 социалон объектæн радих кодтой, уыдоны проектон-сметон документацийыл азы кæронмæ бакусын æмæ сæ арæзтадæн ссарын зæххы хæйттæ
Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты социалон-экономикон райрæзтыл æрдзырдтой аппаратон æмбырды. Сергей Меняйло бабар кодта, федералон бюджетæй фæрæзтæ цы 14 социалон объектæн радих кодтой, уыдоны проектон-сметон документацийыл азы кæронмæ бакусын æмæ сæ арæзтадæн ссарын зæххы хæйттæ. Ныхас ма цыд Бехъаны цады уавæрыл дæр. Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Кокойты Виталий фехъусын кодта, доны æмвæзад дзы раздæры æмвæзадмæ кæй схæццæ ис. Рабæрæг ма ис, базилын кæмæ хъæуы, 2 ахæм чысыл бынаты. Ацы хъуыддаг сæххæст кæнын хъæуы, цæмæй та дон ма акæла, уый тыххæй. Транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдар радзырдта, муниципалон транспорт ног кæнгæйæ, республикæ кæй райста 13 автобусы ГАЗ æмæ Китайы конд 12 автобусы. Сергей Меняйло йе ргом аздæхта, Елхоты цæрджыты цы фарста тыхсын кæны, уымæ – сывæллæтты аивæдты скъола ис æнæ сæрмагонд фадæттимæ бæстыхайы. Районы разамындæн бабар кодта ацы фарстайыл бакусын.




