2020-2024-æм азтæн «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн æххуысы» программæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстатæм æркастысты Цæгат Ирыстоны Хицауады æмбырды
Райдайгæ амалхъом адæмæн ног мадзæлттæ аразын, æмæ республикæйы гарантион фонд хъæздыгдæр кæнын. 2020-2024-æм азтæн «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн æххуысы» программæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстатæм æркастысты Цæгат Ирыстоны Хицауады æмбырды. Премьер Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй бизнесы гæнæнтæ кæнынц парахатдæр. Ныртæккæ ахсджиагдæр хæстæм хауы – экономикæйы къабазы ног проекттæн æххуыс кæнын. Ныхас ма цыд субсидитæ дæттыны фæткыл. Уыдонæй æхгæндзысты агропромышленнон комплексы объектты модернизацийы хæрдзты иу хай. Ахæм грантты æххуыс райсын у юридикон организацитæн, хицæн амалхъом адæмæн, стæй товартæ аразджытæн. Хицауады уæнгтæ ма стыр æргом аздæхтой бæлццæттæ ласыны фарстамæ дæр.




