филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:52 воскресенье, 01 февраля 2026
23 ноября 2022, 13:34
80 азы размæ немыцаг фашисттæн нæ бантыст нæ горæт бацахсын

Æппæтæй карздæр тохтæ цыдысты горæтмæ бацæуæнтыл, Джызæлмæ хæстæг

80 азы размæ немыцаг фашисттæн нæ бантыст нæ горæт бацахсын. Уыцы бонты цаутæ хъуыды кæнынц ныр дæр. Æппæтæй карздæр тохтæ цыдысты горæтмæ бацæуæнтыл, Джызæлмæ хæстæг. Хъахъхъæд цыдысты Майрæмæдаджы арæнтæ дæр. Æппæт Советон Цæдисы хæстонтæ тох кодтой сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, сæ фарсмæ та æрлæууыдысты хуымæтæг цæрджытæ.

Æнæзынгæ цыртдзæвæн нæзы бæлæсты фæстæ æхгæд у адæмы цæстытæй. Ис Уæлахизы парчы кæрон, сæйраг мемориалæй дарддæр. Ам, 42-æм азы ноябры, уыд хъахъхъæнынады лини. Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады Сырхтырысаджын арæнхъахъхъæнæн 26-æм полчы 4 хæстоны ныхкъуырд лæвæрдтой бирæрæстæгон æхсæн бынатæй.

Алексей Михеевы хорзæхгæнæн сыфæй ист рæнхъытæ: 4 боны хъæбатырты къорд ныхкъуырд лæвæрдта знаджы карз атакæтæн æртæрдыгæй. 4 боны хæстонтæ нæ истой хойраг, фæлæ кæронмæ лæууыдысты. Æмбал Михеев ацы тохы ныппырх кодта 18 гитлероны. Бацархайдта сырхæфсæддон Величкойы эвакуацийыл фæсфронтмæ.

Павел Куприянов æрыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ – Владимиры облæстмæ, кодта фос дарыны куыст. Æмæ хъæбатыры ном уæддæр райста – социалистон фæллойы хъæбатыры. Дзæуджыхъæуы кæрон бирæрæстæгон æхсæн бынат та хъахъхъæны хъæбатыр  хæстонты намыс.

Орджоникидзе хъахъхъæныны архайдтой 10-æм æмæ 11-æм гвардион æхсæн корпусты, стæй адæмон комиссарады 11-æм æхсæн дивизийы хæстонтæ æмæ командæгæнджытæ. Майрæмæдаджы арæнтыл арæзт æрцыд дæлхайад – 34-æм хицæн æхсæн бригад булкъон ВорожИщевы разамындæй. Хæстонтæ, сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, тох кодтой, сæ разы та æрлæууыдысты хуымæтæг цæрджытæ.

Джызæлы фæндаджы иуварс æфсымæрон ингæнтæ. Уыдон сты, зæххы алы метр хъахъхъæныныл дæр карз тохты хæстонтæ куыд хæцыдысты, уый æвдисæнтæ. Республикон архивты цыбыр рæнхъытæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мыггæгтимæ, сты мингай. Æмæ уыдон дæр сты хъæбатырдзинады æвдисæнтæ.

Фидар æмæ æнæбасæтгæ горæт. Дзæуджыхъæуæй райдыдта ивын знаджы змæлд Хурныгуылæнырдæм. Разæй та ма уыд, советон адæм кæм фæуæлахиз сты, ахæм сæдæгай тохтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania