филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:48 воскресенье, 01 февраля 2026
25 ноября 2022, 11:04
Цæгат Ирыстон бабæрæг кодта «Евразийы адæмты Ассамблея»-йы Æппæтадæмон цæдисы делегаци

Æхсæнадон палатæйы уæнгтимæ фембæлды та делегацийы минæвæрттæ æрныхас кодтой алывæрсыг культурон-гуманитарон æмгуыстады фарстатыл

Цæгат Ирыстон бабæрæг кодта «Евразийы адæмты Ассамблея»-йы Æппæтадæмон цæдисы делегаци. Организаци парахатдæр кæны Уæрæсейы регионтимæ æмæ Евразийы бæстæтимæ æмархайд. Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнгтимæ фембæлды та делегацийы минæвæрттæ æрныхас кодтой алывæрсыг культурон-гуманитарон æмгуыстады фарстатыл. Ассамблейæ æмæ Æхсæнадон палатйы хсæн фыст æрцыд æмгуыстады бадзырд. Уымæ гæсгæ, активон куыст цæудзæн, алы адæмы хæттыты хсæн сабырдзинад æмæ хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæныны хъуыддаджы. Уымæй дарддæр царды уагъд цæудзысты алыхуызон хъæппæристæ æмæ программæтæ. Фембæлды архайджытæ ма стыр æргом аздæхтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй нæ бæстæйы æндæр регионты æхсæнадон организациты æмархайдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania