филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:52 воскресенье, 01 февраля 2026
29 ноября 2022, 17:04
Фыссæг Хъазыбекты Хъазыбеджы райгуырдыл сæххæст 110 азы

Республикæйы фæсивæдон библитекæйы сарæзтой номарæн мадзал

Республикæйы фæсивæдон библитекæйы сарæзтой номарæн мадзал. Æрымысыдысты дзы поэт, прозаик, драматург æмæ æфсæддон фыссæг Хъазыбекты Хъазыбеджы рухс ном. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 110 азы. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты рæстæг кæрæй кæронмæ хæцыд райгуырæн зæххы сæраппонд. Номарæн мадзалмæ хуынд æрцыдысты нырыккон фысджытæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Уыдис дзы нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Гæздæнты Гайтойы номыл республикон фæсивæдон библиотекæйы сарæзтой Хъазыбекты Хъазыбеджы райгуырды 110 азы кадæн мадзал. Хуынд æм æрцыдысты фысджыты цæдисы минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ студентæ. Фыссæджы чызг Хъазыбекты Ларисæ дæр кусы библиотекæйы. Арæх æрымысы йæ сабибонтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй кæд иу къуымы цардысты, уæддæр сæм æппынæдзух уыдис уазджытæ, уымæн æмæ йæ фыд уыд адæм уарзаг.

Хъазыбекты Ларисæ, фыссæджы чызг: «Бирæ бынат нæм нæ уыд. Цардыстæм иу къуымы, фæлæ нæм иу уæддæр æрæмбырд бирæ адæм. Æвзонг фысджытæн æххуыс кодта æхцайы фæрæзтæй, амыдта сын зонд».

Хъазыбег хæрзæрыгонæй йæхи снывонд кодта литературæйæн. Райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ. 20 азы йыл куы цыд, уæд рухс федта йæ фыццаг чиныг. Йе сфæлдыстады арæхстджынæй равдыста алыхуызон темæтæ. Ис ын йæхи поэтикон ахорæнтæ.

Хохойты Энвер, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг: «Хъазыбекты Хъазыбег райгуырд Чырыстон хъæуы. 7 азы йыл куы цыд, уæд баззад æнæ фыдæй. Тырныдта ахуырмæ æмæ куыстмæ. Æз бирæты нæ зонын, уыцы кары чингуытæ кæмæн рацыд, ахæмты».

Дæсны фыссæг уыд æцæг патриот. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд йæхи баппæрста тохы цæхæры. Уым дæр равдыста стыр сгуыхтдзинæдтæ. Фронтмæ йемæ ахаста йæ кусæнгæрзтæ. Уыцы иу рæстæг хæцыд знагимæ æмæ фыста, йæ алыварс цы уыдта, уый тыххæй. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ риуыл сæрттывтой Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæны, Сырх стъалыйы ордентæ æмæ фондз майданы.

Агънаты Гæстæн, РЦИ-А фысджыты цæдисы сæрдар: «Хъазыбекты Хъазыбег у, ирон литературæйы йæ ном кæмæн баззади, уыцы фысджытæй иу. Йæхи удыл бавзæрста цард æмæ фхæрд. Уый фæзынд йе сфæлдыстадыл дæр. Сæрмагондæй ныффыста уацау хæсты фыдбонты тыххæй».

Хъазыбег фыста куыд иронау æмæ дыгуронау, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Уыд стыр ахуыргонд. Куыста педагогон институты. Йæ студенттæн æнæвгъауæй лæвæрдта йæ зæрдæйы хъарм, амыдта сын йæ бирæ зонындзинæдтæ. Ахуыргæнæг уыд адæмон фыссæг Хуыгаты Сергейæн дæр.

Хуыгаты Сергей, РЦИ-А адæмон фыссæг: «Хъазыбег махæн каст литературæйы теори. Æнцон амонæн предмет нæу. Йæ хъæлæс уыд тынг бæрзонд, йæхæдæг та уыд рæсугъд. Йемæ ныхаскæнынæй лæг никуы бафсæстаид. Институ куыд фæдæн, уæддæр мын иу алы фембæлды дæр бацин кодта».

Адæймагæн хорз ракæнын – уый уыд Хъазыбегæн йæ сæйраг хæс. Абон æй мах дæр мысæм ахæмæй. Не ппæтæн дæр ис иумæйаг хæс – ма бауадзын ферох кæнын кадджын адæймаджы ном æмæ йæ зонын кæнын рæзгæ фæлтæрæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania