филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 воскресенье, 01 февраля 2026
01 декабря 2022, 12:06
Фæззыгон зиу сарæзтой Дигорайы

Бынæттон администрацийы курдиатмæ гæсгæ дзы архайдтой районы куыстуæтты æмæ организациты минæвæрттæ, коллективтæ, стæй Дигорайы цæрджытæ

Фæззыгон зиу сарæзтой Дигорайы. Бынæттон администрацийы курдиатмæ гæсгæ дзы архайдтой районы куыстуæтты æмæ организациты минæвæрттæ, коллективтæ, стæй Дигорайы цæрджытæ. Иууылдæр иумæ бацархайдтой горæты уæлмæрдтæ ссыгъдæг кæныныл.  Зиуы архайджыты зæрдиаг куысты фæрцы ма сыгъдæггонд æрцыдысты уæлмæрдмæ бацæуæнтæ, алфамбылай территори. Уыимæ аиуварс кодтой хуссар – ныгуылæн уæлмæрды цур бырондон.  Бырæттæ аластой куыстуат Скиф Сервисы æххуысы фæрцы. Стæй ма сын техникæйæ  баххуыс кодтой бынæттон амалхъом адæм. Дигорайы районы администрацийы сæргълæууæг Туккаты Рустам  йæхæдæг равдыста, нæ алфамбылайы сыгъдæгдзинад нæхицæй аразгæ кæй у, уыимæ ацы хъуыддагмæ алы адæймаджы æвæрæн дæр ахсджиаг кæй у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania