Ныййарджытæн æндæр гæнæн нæй, æмæ сæ кæстæртæн балхæнынц ахæм хъазæнтæ
Æддаг бакаст сæйрагдæр нæу. Фæлæ цымæ ацы хъуыды нырыккон хъазæнтæм ахæссæн ис, æви нæ? Фæстаг рæстæг сывæллæтты хсæн парахатдæр кæнынц, се ддаг бакаст дызæрдыггаг кæмæн у, ахæм хъайтартæ. Ныййарджытæн æндæр гæнæн нæй, æмæ сæ кæстæртæн балхæнынц ахæм хъазæнтæ. Пайда хæссынц, æви зиан, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.
Ацы дынджыр хъазæны ном у Хагги Вагги. Сывæллæтты дуканиты йын ссарæн ис йæ бирæ хуызтæ. Диссаг уый у, æмæ ацы хъазæнæй хъуамæ саби тæрсгæ кæна, фæлæ нæ… сывæллæттæ йæм бæлгæ кæнынц. Гыццыл Тамерлан æнæ йæ уарзон хъазæнæй фынæй дæр нæ бауыдзæн. Хуыдиаты Дианæ ацы цъæх тæрсæнгæнæн æлхæнынмæ дæр нæ хъавыд, хъавыд дзы йæ сывæллоны бахизын, фæлæ сывæллоны бæллиц фæтыхджындæр мады æнкъарæнтыл.
Дæндагджын цъæх монстр сси бирæ бинонты уæнг. Уæвгæ канд уый нæ, фæлæ йæ хуызæттæ – Кисси Мисси, Сили Вили, Скари Лари. Хъомылгæнæг Сосранты Альбинæ æппæт ацы хъазæнты зоны сæ нæмттæй. Куыд зæгъы, афтæмæй цæмæй сабиты хуыздæр æмбарай, уый тыххæй хъуамæ семæ иу уылæны, æмзонд уай.
6-аздзыд Янæ дзуры, йæ хъазæныл даргъ къæхтæ цæмæн ис, уый. Куыд сæ фæпайда кæны. Давид та цъæх Хагги Вагги фыдзæрдæ хъазæн кæй у, уый зоны, уæддæр у йæ уарзондæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йемæ баныхас кæнын бантыст.
Уæдæ чысыл Деляра та фылдæр уарзы зæрдæхæлар хъазæнтæ. Ацы фæныкхуыз тæрхъус 3 азы у йæ талисман. Йæ хъазæнты хсæн Хагги Ваги дæр ис. Фæлæ уый гыццыл чызджы зæрдæмæ фæндаг не ссардта.
Уæвгæ, психологтæ Хагги Ваггийы хуызæн хъазæнты æвзæрдзинадæй ницы уынынц. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, монстртæ сын æххуыс сты сæ тæрсындзинадимæ тох кæнынынæн.
Хагги Ваггийы æнахуыр хуыз пайдайаг разынд йæ саразæгæн. Уæвгæ ацы хъазæны сурæты фæзындыл цæуы 38 азы. У фæсарæйнаг хъазты фыдæхдзинад хæссæг сæйраг хъайтар. Æрæджы та йæ сарæзтой ног хуызы, æмæ уым та у хæларзæрдæ, фæлæ йæ виртуалон царды æууæлтæ раивтой. Сабитæн сæхи уарзын кæнынц, æмæ сæ ныййарджытæ æлхæнынц сæ сабитæн.
Сывæллæтты дунемæ кæй æрбабырстой ацы дæндагджын ирд фæлмæн хъазæнтæ, уый æнæмæнг хъуыддаг у. Сæ фæзындыл цы ныййарджытæ тыхсынц, уыдоны та хъæуы уырнын ацы хъазæнтыл модæ рæхджы кæй аивдзæн, ууыл.




