филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:04 суббота, 31 января 2026
08 декабря 2022, 11:55
Цæгат Ирыстоны волонтертæ Мæскуыйы архайдтой æппæтадæмон форум #МЫВМЕСТЕ-йы

Ирыстойнаг делегацийы хсæн – Ресурцон центр «Доброволец Кавказа»-йы минæвæрттæ, бындур æвæрд ын æрцыди Таймазты Артуры хъæппæрисæй

Цæгат Ирыстоны волонтертæ Мæскуыйы архайдтой æппæтадæмон форум #МЫВМЕСТЕ-йы. Ирыстойнаг делегацийы хсæн – Ресурцон центр «Доброволец Кавказа»-йы минæвæрттæ, бындур æвæрд ын æрцыди Таймазты Артуры хъæппæрисæй. Сæ балцы фæлгæты волонтертæ бабæрæг кодтой УФ-йы Думæ æмæ фембæлдысты Таймазты Артуримæ.  Депутат бархионтæн арфæ ракодта сæ фæллойы, сæ иумæйаг хъуыддагмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, æмæ волонтерты змæлд уæлдæр æмвæзадмæ кæй исынц, уый тыххæй. Фæсивæд радзырдтой республикæйы цы проекттыл кусынц, уыдоны тыххæй дæр. Думæйы волонтертæ федтой стыр æмбырдтæ  æмæ пресс-конференцитæ кæм фæцæуынц, уый. Базонгæ сты алы фракциты музейтимæ, стæй æндæр ахсджиаг хъуыддæгтимæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania