09 декабря 2022, 11:55
Инклюзивон форум «Без границ» сси æппæтадæмон преми #МЫВМЕСТЕ-йы уæлахиздзау
Хæрзаудæн фонд «Быть добру» цы проект сарæзта, уый хуыздæрыл банымадтой номинаци «Страна возможностей»-ы
Æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Без границ» сси æппæтадæмон преми #МЫВМЕСТЕ-йы уæлахиздзау. Хæрзаудæн фонд «Быть добру» цы проект сарæзта, уый хуыздæрыл банымадтой номинаци «Страна возможностей»-ы. Хæрзиуæг Мæскуыйы райста фонды разамонæг Хъуысаты Амырхан. Номинаци «Страна возможностей»-ы архайдтой, курдиат раргом кæныны, ахуырады, бархионты змæлды, наукæйы, патриотизмы, культурон хæзнаты æмæ традициты райрæзты, историон намыс хъахъхъæныны нысанимæ проекттæ.
темæмæ гæсгæ




