филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:30 суббота, 31 января 2026
14 декабря 2022, 12:12
Дзæуджыхъуы аэропорты байгом кодтой ног аэрокомплекс

Дыууæуæладзыгон бæстыхайы уылты афæдзмæ цæудзæн милуан æмæ 500 бæлццоны онг

Дзæуджыхъуы аэропорты байгом кодтой ног аэрокомплекс. Дыууæуæладзыгон бæстыхайы уылты афæдзмæ цæудзæн милуан æмæ 500 бæлццоны онг. Уый, раздæримæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр. Авиабæлццæттæн арæзт æрцыдысты æнцонвадат уавæртæ. Се ппæт дæр дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн. Телескопикон трапыл гæнæн уыдзæн хæдтæхæгмæ терминалæй ахизæн, æмæ фæстæмæ дæр. Ног бæстыхайы ис 6 лифты, эскалатор, уæзæгтæ бæрæггæнæн системæ, æдасдзинады кусæнгæрзтæ. Арæзтадон куыстытæ цыдысты 2 азы. Инвестициты бæрц уыд 2 миллиарды æмæ 200 милуан сомы. Ныртæккæ кусæнгæрзтæн аразынц тестытæ. Эксплуатацийы сæ раттынмæ хъавныц 2023-æм азы фыццаг кварталы. Аэропорты зæронд бæстыхайы та скæндзысты рацарæзт. Уым лæггад кæндзысты æппæтадæмон рейсыты бæлццæттæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania