филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:31 суббота, 31 января 2026
14 декабря 2022, 12:13
Парламент сфидар кодта 2024-æм азы онг республикон бюджеты сæйраг характеристикæтæ

Бюджеты æфтиæгты хай фæфылдæр уыдзæн, федералон бюджетæй æнæздахгæ фæрæзты фæрцы

«Рæстдзæвин Уæрæсе – Патриоттæ – Рæстдзинадыл» партийы минæвар Хæдарцаты Аслæнбег хаст æрцыд Цæгат Ирыстоны Парламенты 7-æм сконды хыгъдмæ. Æвдисæндар ын радтой, депутат Виктор Величкойы бартæ æмгъуыдæй раздæр кæй фесты, уымæ гæсгæ. Депутаттæ Хæдарцаты Асланы æмхъæлæсæй равзæрстой парламенты бюджеты, хъалонты, исбоны æмæ кредитон организациты комитеты сæрдарæй. Æмбырды ма сфидар кодтой 2024-æм азы онг республикон бюджеты сæйраг характеристикæтæ. Бюджеты æфтиæгты хай фæфылдæр уыдзæн, федералон бюджетæй æнæздахгæ фæрæзты фæрцы. Сæ иумæйаг бæрц 1 миллиард æмæ 357 милуан сомы. Уыдонæй 336 милуанæй фылдæр сты субсидитæ. Сæрмагондæй, 3 азæй 7 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн æрвылмæйон фиддонтæн. 86 милуан сомы онг та – æртыккаг, æмæ уымæй фылдæр сывæллоны райгуырдæн. 7 милуан сомы радих кæндзысты, Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн медицинон æххуыс бакæнынæн æмæ реабилитацийæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania