филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:18 воскресенье, 01 февраля 2026
14 декабря 2022, 12:21
Декабры кæрон Дзæуджыхъæуы райдайдзæнис цæуын ногбоны трамвай

Горæты цæрджыты æмæ уазджыты бон уыдзæнис лæвар атезгъо кæнын каникулты кæронмæ — фехъусын кодтой Дзæджыхъæуы администрацийы

Декабры кæрон Дзæуджыхъæуы райдайдзæнис цæуын ногбоны трамвай. Горæты цæрджыты æмæ уазджыты бон уыдзæнис лæвар атезгъо кæнын каникулты кæронмæ — фехъусын кодтой Дзæджыхъæуы администрацийы. Ныртæккæ та горæты аив кæнынц къамисæн бынæттæ æмæ æвæрынц декорацитæ. Æдæппæтæй Дзæджыхъæуы саив кæндзысты цыппор сæрмагонд бынаты, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ уыдзысты Сæрибары, Ленины æмæ Иудзинады фæзты, Къостайы парчы, сывæллæтты парчы æмæ афтæ дарддæр. Ногбонты комулæфт адæмæн сараздзæнис æртыты иллюминаци. Ныртæккæ специалисттæ кусынц Дзæджыхъæумæ бацæуæнты. Горæты администрацийы куыд загътой, афтæмæй кæд егъау мадзæлттæ нæ уыдзæнис, уæддæр сабитæн скæндзысты заз бæласы бæрæгбæттæ. Мэры номæй арфæ ракæндзысты дыууæ мин сывæллонæн. Уымæй уæлдай кусдзæнис Митын Дадайы хæдзар дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania