филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:09 воскресенье, 01 февраля 2026
16 декабря 2022, 10:56
Тагъд рæстæджы æппæтадæмон аэропорт «Дзæуджыхъæуы»-ы фæзындзæн 4 ног регионалон маршруты

Цæгат Ирыстоны туризмы райрæзтыл архайгæйæ, фыст æрцыд æртæвæрсыг транспортон бадзырд

Тагъд рæстæджы æппæтадæмон аэропорт «Дзæуджыхъæуы»-ы фæзындзæн 4 ног регионалон маршруты: Хъазан, Пермь, Уфа æмæ Самарæ. Цæгат Ирыстоны туризмы райрæзтыл архайгæйæ, фыст æрцыд æртæвæрсыг транспортон бадзырд. Фембæлды архайдтой Дзæуджыхъæуы æппæтадæмон аэропорты генералон директор Сергей Чалов, республикæйы туризмы комитеты сæрадр Дзæрæхохты Ацæмæз, стæй авиакомпани “Северный ветер”-ы генералон директоры хæдивæг æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды компани “Pegas Touristic”-ы разамонæг Илона Чехонатская. Нæ республикæйы туризмы Комитеты сæрдар куыд загъта, афтæмæй ахæм æмгуыстады бадзырд фадат ратдзæн Цæгат Ирыстоны туристон змæлд æмæ бæлццæтты нымæц фæпарахатдæр кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania