16 декабря 2022, 10:59
Национ наукон библиотекæйы фесты ахæм курсы кæронбæттæн ахуыртæ
Арæзт уыдысты паддзахадон граждайнаг службæйæн разамонджытæ цæттæ кæнынмæ
«Ахадгæ разамонæг». Национ наукон библиотекæйы фесты ахæм курсы кæронбæттæн ахуыртæ. Арæзт уыдысты паддзахадон граждайнаг службæйæн разамонджытæ цæттæ кæнынмæ. Курсы архайджытæ зонгæ кодтой разамынды сæйрагдæр æмæ бындурон хъуыддæгтимæ. Ома цавæр ахадгæ мадзæлттæй пайда кæнын хъæуы нырыккон разамонæджы, йæ размæ цавæр хæстæ æвæрын хъæуы, стæй, хорз кæронбæттæн бæрæггæнæнмæ куыд тырнын хъæуы, æмæ афтæ дарддæр. Дыууæ къуырийы паддзахадон службæгæнджытæн арæзт цыдысты тренингтæ, тестытæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Уымæй дарддæр зонгæ кодтой теоретикон æмæ практикон зонындзинæдтимæ дæр.
темæмæ гæсгæ




