филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:48 воскресенье, 01 февраля 2026
20 декабря 2022, 11:46
Тарскæйаг Гуыбаты бинонтæ бæллынц сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ

Бæстыхай банымадтой, цæрынæн чи нæ бæззы, ахæмыл, Гуыбаты ма суанг бахастой федералон программæ «Хъæуы социалон райрæзтмæ» дæр

Гуыбаты бинонтæ цæрынц Тарскæйы. Самандурæй арæзт хæдзарыл цæуы æнусæй фылдæр. Рæстæгимæ заууатмæ æрцыд. Бинонтæ æххуысмæ сидтысты алыхуызон ведомствæтæм. Бæстыхай банымадтой, цæрынæн чи нæ бæззы, ахæмыл, Гуыбаты ма суанг бахастой федералон программæ «Хъæуы социалон райрæзтмæ» дæр. Уæдæй рацыд 16 азы. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй Гуыбатæн зæрдæ ницæмæй æвæрынц. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Пъолыл фæйнæджытæ æмæ къæйдуртæ сæвæрын  ацы хæдзары цæрджыты бахъуыд, хъæдæрмæг кæй бамбыд, уымæ гæсгæ. Фæлæ уазалæй æмæ бæрзонд уымæладæй скъуыйынц суанг дуртæ дæр. Тарскæйы Калинины уынджы 8-æм хæдзар самандурæй конд у. Цæуы йыл сæдæ азæй фылдæр. Гуыбатæ дзы пайда кæнынц æрмæст иу агъуыстæй, иннæтæм бахизынмæ сæ ныфс нæ хæссынц.

Гуыбаты Мæхæмæт: «Цар хауы бынмæ. Пъолтæ дæр нал бæззынц. Цас фæлæудзысты, уый бæрæг нæу. Арт кæнæм газæй. Алырдыгæй зыхъхъыртæ, дымгæ цæуы. Æмæ æдзух газ судзæм. Уый бахордта æнæхъæн бинонты. Æрмæст ууыл кусæм, нæ пенситæ уырдæм æрвитæм».

Æгæрон цалцæгтæй бафæллайгæйæ, Гуыбаты Мæхæмæт хæдзар æрхуыдта  пластикæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ бакаст хуыздæр у, фæлæ лыггæнинаг фарстатæ бамбæхсын нæ бантысдзæн. Къултæй иу æрмæст быцæутыл хæцы. 2006-æм азæй фæстæмæ Гуыбаты бинонтæ æххуысмæ сидтысты алыхуызон кусæнуаттæм.

Гуыбаты Мæхæмæт: Ам царди ме *фсымæр Гуыбаты Будзи – Дзæккойы фырт. + 5 азы ам фæцарди. Йæ бон нал уыд цалцæг кæнын. Алы бон дæр цыд районмæ. Дзырдтой йын, рады фыццаг кæй лæууы. Ныр дæр ма афтæ у. Ничи æххуыс кæны. Стæй ма ам цард нæ хо – Гуыбаты Раисæ – Дзæккойы чызг.Колхозы фæкуыста цæрæнбонты. Ныр курын, цæмæ нын баххуыс кæной. Кæд баххуыс кæной, уæд æрбацæуиккой фæстæмæ сæ хæдзармæ».

Хæдзар цæрынæн кæй нæ бæззы, уый тыххæй акт Мæхæтмæ ис. Къулты скъуыдтæ бонæй-бонмæ стырдæр кæнынц. Царæй цы къæвдадон хъары, уымæй бахъахъхъæныны тыххæй, сынтæг полиэтиленæй æмбæрзт у. Сыхаг полигонæй æхстытæ куы райхъуысынц, уæд хæдзар нырризы.

Мæхæтмæ ис сæрмагонд гæххæтт. Фыст дзы ис, цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн федералон программæйы архайджыты номхыгъдтæм бахæссынæн хыгъды сæ кæй сæвæрдтой, уый. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй Гуыбатæн сæ зæрдæ дарын ницæуыл ис.

Ацы хæдзары Гуыбаты Мæхæмæт арвыста йæ сабибонтæ. У йын зынаргъ. Хи тыхтæй йæ сног кæныны фадат нæй. Æмæ уымæ гæсгæ бинонтæ сæ зæрдæ дардтой падзахады æххуысыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania