20 декабря 2022, 11:37
Мæскуыйы райдыдта сывæллæтты æмæ фæсивæды уæрæсейаг змæлды фыццаг съезд
Архайы дзы Цæгат Ирыстоны делегаци дæр
Мæскуыйы райдыдта сывæллæтты æмæ фæсивæды уæрæсейаг змæлды фыццаг съезд. Архайы дзы Цæгат Ирыстоны делегаци дæр. Йæ хыгъды сты – æхсæнадон организациты активисттæ, конкурс «Большая перемена»-йы архайджытæ, стæй Уæрæсейы фæсивæды цæдисы уæнгтæ. Уæвгæ та съездмæ хуынд æрцыдысты нæ бæстæйы æппæт регионты минæвæрттæ, æдæппæтæй 3000 адæймаджы онг. Ныхас цæудзæн алывæрсыг темæтыл – наукæ æмæ технологитæ, культурæ, аивад, æнæниз цардыуаг, волонтерты змæлд, медиа æмæ коммуникацитæ. Уæрæсейы æппæт сывæллæтты баиу кæнын, сæ фæндтæ царды рауадзынæн æмбæлгæ уавæртæ саразын, иу дзырдæй – сæ ахсджиагдæр бæллицтæ сæххæст кæнынæн баххуыс кæнын у ацы змæлды сæйраг нысан. Арæзт æрцыд ацы аз.
темæмæ гæсгæ




