филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:46 воскресенье, 01 февраля 2026
22 декабря 2022, 11:35
Æрæфы районы цæрджытæ та радон хатт бахастой се ххуысы хай, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн фарсхæст радтынмæ

Районы культурæйы управленийы кусджытæ бацархайдтой районы хъæуты концерттæ раттыныл.

Иумæйаг хъарутæй зæрдиаг æххуыс. Æрæфы районы цæрджытæ та радон хатт бахастой се ххуысы хай, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн фарсхæст радтынмæ. Районы культурæйы управленийы кусджытæ бацархайдтой Æрæфы районы хъæуты концерттæ раттыныл. Сæрмагонд дзуапдæдтæн концерт та уыд Цыколайы. Культурæйы галуанмæ æрбацыд бирæ адæм. Районы цæрджытæ дзы бацархайдтой иузæрдионæй.  Аивадон иугæндты æмæ къордты архайджытæ  сæм сценæйæ, сфæлдыстадон æвзагæй, фæхæццæ кодтой сабыр цардмæ бæлджытæ кæй сты, уый. Æрæфы районы концерттæй цы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой, уыдонæй  баххуыс кæндзысты, сæрмагонд операцийы Æрæфы районы цы хæстонтæ архайы, уыдоны бинонтæн.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania