филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:12 воскресенье, 01 февраля 2026
23 декабря 2022, 11:09
Йæ юбилей бæрæг кæны Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Гуыржыбекты Иринæ

Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1943-æм азы, æмæ уæдæй абонмæ поэт ныффыста поэмæты æмæ æмдзæвгæты цалдæр æмбырдгонды

Ацы бонты йæ юбилей бæрæг кæны Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, фысджыты æмæ журналистты Цæдисты уæнг Гуыржыбекты Иринæ. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры фæзындысты 1943-æм азы, æмæ уæдæй абонмæ поэт ныффыста поэмæты æмæ æмдзæвгæты цалдæр æмбырдгонды. Бирæтæ сæ систы зарджыты, ораториты æмæ кантатæты  ныхæстæ зындгонд ирон композитортæн. Иринæйы курдиат зыны йæ прозаикон уацмысты дæр, ныффыста, алы азты республикæйы газеттæ æмæ журналты кæй мыхуыр кодтой, ахæм радзырдтæ æмæ аивадон очерктæ.  Иринæ у йæ гыццыл райгуырæн бæстæйы стыр патриот, кæддæриддæр  фыссы ахсджиаг фарстатæ æмæ темæтыл. Уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта Ирыстоны Гимны ныхæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania