филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:13 воскресенье, 01 февраля 2026
28 декабря 2022, 11:41
Куысты бынаты йе нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыцы адæмæн радтой машинæтæ

Республикæйы 3 цæрæджы райстой Лада-Грантатæ социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайады

Куысты бынаты йе нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыцы адæмæн радтой машинæтæ. Республикæйы 3 цæрæджы райстой Лада-Грантатæ социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайады. Æппæт машинæтæ адаптацигонд сты сæ ног хицæутты гæнæнтæм гæсгæ. Иу автомобилы аргъ у 907 мин сомы. Æдæппæтæй сыл схардз кодтой 2 милуаны 720 мин сомы. Ацы транспортон фæрæзтæ адæмæн фенцондæр кæндзысты сæ цард. Машинæтæ цы низтæм гæсгæ æмбæлынц, уыдоны номхыгъд уæрæх у. Фæлæ сæ, фыццаджыдæр, дæттынц, астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн.  Автомобиль хъыгдардбаййафæгæн лæвæрд фæцæуы алы 7 азы дæр иу хатт. Уыимæ раздæры машинæ дæр, уыцы адæймагæн баззайы. Уымæй дарддæр ма социалон фæдзæхстады фонд компенсаци кæны, цалцæджы æмæ артаджы хæрдзты иу хай.  Æдæппæтæй 2001-æм азæй фæстæмæ фонд радих кодта 143 машинæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania