Фыдæлтæй нын чи баззад, уыцы нартхоры кæрдзынтæ кæныны сусæгдзинæдтæ фæлтæртæм хæссыныл кусынц Лескены цæрæг Цохъты бинонтæ
Нырыккон царды, уæлдайдæр та хъæуы цæргæйæ, адæм фадæттæ аразынц хи гæнæнтæй пайда кæнгæйæ. Уыцы хъуыдаджы дæнцæгæн æрхæссинаг у Лескены цæрæг Цохъты бинонты зæрдиаг куыст. Сæ уды цы хъуыды райгуырд, уымæн сын фарсхæст радта паддзахад дæр æмæ абон æппæт республикæйыл рапарахат сæ конд нартхоры кæрдзынты кой. Куыд сæ кæнынц, уый фенын бафæндыд Сосранты Жаннæйы æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Кæрдзынтæ фыцгæйæ сын сæ хæрздæф чи зоны, уыдонæй мæм бирæтæ бахæлæг кæндзысты. Фæлæ кæрдзын пецæй райсыны онг цæмæй бахæццæ, ууыл дзæвгар фæллой ис. Цохъты-Химилонты Альбинæ хъуыды дæр никуы кодта, фыдæлтæй нын цы хойраг баззад, уый æхсæнадмæ хæссыныл кæй архайдзæн, ууыл. Ныр йæ цардæмбал Цохъты Артуримæ архайынц уыцы фæрнджын хъуыддагыл.
Алы куысты дæр уды хъарм куы бавæрай, уæд ын æнæ хæрзхъæд уæвæн нæй. Артур æмæ Альбинæ дæр цæйбæрц кусынц, уый бæрц агурынц кæрдзыны хæрзхъæдæн гæнæнтæ.
Афтæмæй уысмгай, лæмбынæг æмæ хæлар зæрдæйы ахастимæ хыссæ кæнынмæ бавналы, Альбинæ. Куыд зæгъы, афтæмæй, хыссæ кæнгæйæ алы хатт дæр, цымæ фыццаг хатт кæны, афтæ фæтыхсы йæ хæрзхъæддзинадыл. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, адæмы аккаг уæвыныл стыр зæрдæйæ кусæн нæй.
Æнгом бинонтæй цы хъуыддаг цæуы, уый фæрнджын у, фæзæгъынц. Афтæ Артур æмæ Альбинæ дæр æрмæст цæстæнгасæй æмбарынц кæрæдзийы. Алчи дæр дзы зоны йæ куыст.
Бинонты фарн, бинонты кад фидардæр кæнын, адæмы раз къæмдзæстыг ма уæвын. Ууыл хъуыды кæнгæйæ сæ архайд кæнынц Цъохты бинонтæ. Цæмæй ссад æрбахæццæ уа Альбинæйы онг, ууыл Артур биноныг фæллой кæны зымæг дæр æмæ уалдзæг дæр. Фæнды йæ кусын, йæ удæн зынаргъ хъуыддæгтæ ма фесафгæйæ.
Артуры тынг фæнды ацы рагон кусæнгарз – куыройы, хорз нысаниуæг рæстæджы цыдимæ куыд ма фесæфа, ууыл кусын. Куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, ацы куройы цы хор ссад æрцæуы, уый пайдайаг миниуджытæ сæфгæ нæ кæнынц.
Цохъты бинонты æнæзивæг куыстæн фылдæр ныфс радта паддзахадон æххуыс дæр. Йæ фæрцы сæ гæнæнтæ фæфылдæр сты.
Куыстытæй æнцон никæцы у, фæлæ адæмы æнæниздзинадæн пайдайаг чи уа, ууыл та фылдæр фæллой кæнын хъæуы. Уæлдайдæр та йæ сыгъдæг уды миниуджытæй хъæздыг адæм куы кæной, уæд.




