Ныхас цыд, Ног азы æмæ Цыппурсы бæрæгбæтты рæстæг республикæйы æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæудзысты, ууыл
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд Оперативон штабы æмбырд. Ныхас цыд, Ног азы æмæ Цыппурсы бæрæгбæтты рæстæг республикæйы æдасдзинады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæудзысты, ууыл. Æмбырды архайдтой 58-æм æфсады службæгæнджытæ, æдасдзинады федералон службæйы, мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты минæвæрттæ, Уæрæсейы гвардийы кусджытæ. Сергей Меняйло барадхъахъхъæнæг структурæтæй бадомдта, цæмæй хицаудзинады оргæнтимæ иумæ фæкарздæр кæной æдасдзинады мадзæлттæ бæрæгбæтты рæстæг. Уæлдай æргом аздахын хъæуы, адæм фылдæр кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæттæм, стæй социалон объекттæм. Хъуамæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты аварион бригадтæ рад хæссой суткæйы 24 сахаты. Сæйрагдæр у, цæмæй республикæйы цæрджытæ бæрæгбæттæ арвитой æдасæй æмæ æмбæлгæ уавæрты, – загъта регионы разамонæг.




