филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 воскресенье, 01 февраля 2026
30 декабря 2022, 11:14
Тускъаты Таймураз Ног Азы къæсæрыл раарфæ кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн

Магкæты Исрафилы æмæ Хъарадзауты Дзантемыры бабæрæг кодта сæ хæдзæртты

Спикер Тускъаты Таймураз Ног Азы къæсæрыл раарфæ кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн. Магкæты Исрафилы æмæ Хъарадзауты Дзантемыры бабæрæг кодта сæ хæдзæртты. Парти «Иугонд Уæрæсе» æхсæнадон змæлд «Уæлахизы волонтертимæ» акци «Ног азы хорзæх дæ уæд, ветеран!» æххæст кæны 3-аг аз. Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн загъта арфæйы ныхæстæ, скодта сын лæвæрттæ. Акцийы архайы партийы æппæт актив – алы къæпхæнты депутаттæ бæрæг кæнынц фронтовикты. Ацы аз «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ Ног Азы бæрæгбоны фæдыл раарфæ кæндзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 18 мин архайæгæй фылдæрæн бæстæйы æппæт регионты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania