филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 воскресенье, 01 февраля 2026
04 января 2023, 15:44
Стыр прокаты рацыд æнæхъæн бинонтæй бакæсынмæ кæмæ хонынц, ахæм комеди «Чебурашка»

Сæйраг рольтæ та сæхиуыл сбарстой Уæрæсейы уарзондæр актертæ Сергей Гармаш, Елена Яковлева, Федор Добронравов æмæ иннæтæ

Хатгай, цæмæй адæмы цардмæ хуры рухс æмæ мидбылхудт раздахай, уый тыххæй хъæуы гыццыл, фæлæ уарзон хъайтары æрымысын дæ сабибонтæй. 1-æм январы стыр прокаты рацыд, æнæхъæн бинонтæй бакæсынмæ кæмæ хонынц, ахæм комеди «Чебурашка». Йæ режиссер у Дмитрий Дьяченко. Сæйраг рольтæ та сæхиуыл сбарстой Уæрæсейы уарзондæр актертæ Сергей Гармаш, Елена Яковлева, Федор Добронравов æмæ иннæтæ. Се ппæт дæр 2 сахатмæ фестадысты аргъæутты алæмæты дунейы. Кинонывмæ бакастысты нæ горæты цæрджытæ дæр, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.

Кинотеатры фæстаг рæстæг ахæм бирæ адæм рагæй нал уыди. Хæстæгдæр сеанстæм билеттæ рагагъоммæ уæйгонд æрцыдысты. Æнæхъæн бинонтæй бакæсынмæ кæмæ хонынц, уыцы киноныв «Чебурашка» у алы кары адæмæн. Аргъæутты гыццыл хъайтар æвзонг киноуарзджытæн дзуры æцæг хæлардзинады тыххæй, хистæртæн та лæвар кæны æхсызгон æнкъарæнтæ.

Киноныв «Чебурашка»-йы сценарийыл куыст цыди афæдз æмæ рдæг. Йæ саразджытæ рагагъоммæ сфидар кодтой кинонывы ахорæнты хуыз, уый фæрцы киномæ кæсджытæм æвзæры, абарæн кæмæн нæй, ахæм зæрдæйы ахаст. Съемкæтæм æрбаластой 6 тонны апельсинтæ, 26 æхсынæджы æмæ легендарон советон мотороллер «Муравей» – Генæйы уарзондæр транспортон фæрæз, уыцы сурæт сарæзта Сергей Гармаш. Ног Чебурашкæйы хъæлæс æмæ цины æнкъарæнтæ та адæмæн балæвар кодта актриса Ольга Кузьмина. Ацы хъайтар фæндаг ссардта алы кары адæмты зæрдæтæм дæр.

Æнцад бадын чи нæ уарзы, ахæм гыццыл, фæлæ тынг зæрдæмæдзæугæ сырд æмæ фылдæр иунæгæй уæвын чи уарзы, ахæм ацæргæ Генæ, æнахуыр модæйыл хæст сылгоймаг æмæ къулбадæг чызг, дзургæ чи нæма кæны, ахæм гыццыл лæппу йæ мадимæ. Ацы хъайтартæ иууылдæр баиу сты цымыдисаг историйы æмæ адæймагуарзондзинады æнкъарæнты.

Æнусы рдæджы фæстæ та Чебурашкæ раздæхт фæстæмæ. Кино аразджытæ бацархайдтой, зæрдæхæлар лентæ рагон традицитæм гæсгæ сног кæнын, æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania