филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 воскресенье, 01 февраля 2026
05 января 2023, 20:05
Скæсæн къæлиндармæ гæсгæ 2023-æм нымад у тæрхъусы азыл

Бирæты уырны, ацы азы символ сæ хæдзары куы уа, уæд афæдз уыдзæн бæркадджын

Скæсæн къæлиндармæ гæсгæ 2023-æм нымад у тæрхъусы азыл. Бирæты уырны, ацы азы символ сæ хæдзары куы уа, уæд афæдз уыдзæн бæркадджын. Фæлæ специалисттæ фæдзæхсынц, цæрæгой дарын æнцон хъуыддаг нæу, æмæ йæ балхæныны размæ хъæуы хорз ахъуыды кæнын.

Тæрхъусты ацы бинонтæ Дзæуджыхъæуы сты зындгонд. Чысыл сакъадахы цæры цалдæр фæлтæры. Ацы азы символы уындæй райынц горæты цæрджыты зæрдæтæ. Сæ къамтæ сын исынц.

Ацы тæрхъустыл та æртæ мæйы бæрц цæуы. Хæрзхаст цæрæгойтæ хæрынц булкъ æмæ уырыдзы. Дзуццаты Зауырбеджы хæдзары бирæ цæрæгойтæ ис. Сывæллæттæн уарзондæр сты тæрхъустæ. Зауырбег куыд зæгъы, афтæмæй ацы цæрæгойты дарын æнцон хъуыддаг нæу, фæлæ стыр фæллой. Æдзух цæст дары се нæниздзинадмæ, æфсады сæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ног азмæ тæрхъусы хъазæны хуызæн лæвар кæнын æвзæр хъуыды у. Бирæтæ цæттæ не сты сæ хæдзары цæрæгойы дарынмæ.

Хъæууон хæдзарады къабазы кæй дарынц, уыцы тæрхъустимæ архайын æнцондæр у. Нæ тæрсынц уазæлттæй, арæх нæ рынчын кæнынц. Æфсадын дæр сæ зын нæу. Уарзынц хортæ, дыргътæ, халсартæ, зымæджы та – хос.

Хæдзары цæрæгой дарын кæддæриддæр бæрнон хъуыддаг у. Уый æнæмæнг хауы тæрхъустæм дæр. Уымæ гæсгæ специалисттæ æмбарын кæнынц, бæркадæн ахæм цæрæгой балхæныны размæ, хъæуы лæмбынæг ахъуыды кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania