филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:40 воскресенье, 01 февраля 2026
06 января 2023, 17:05
Æппæт дунейы чырыстон диныл хæст адæм æнхъæлмæ кæсынц сæ сæйраг бæрæгбæттæй иу – Цыппурсмæ

Уыимæ, Ирыстоны цæрджытæ дæр

Æппæт дунейы чырыстон диныл хæст адæм æнхъæлмæ кæсынц сæ сæйраг бæрæгбæттæй иу – Цыппурсмæ. Уыимæ, Ирыстоны цæрджытæ дæр. Хистæр кары адæм куыд зæгъынц, афтæмæй Цыппурсæй намад цæуы ирон бæрæгбæтты къæлиндары фæтк дæр. Цыппурсы кадæн бæрæгбæттæ ахæссынц 12 боны дæргъы. Дыууæ къуырийы адæм кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтимæ, Хуыцауæй фæкурынц æнæниздзинад, дуне сабыр куыд уа, æмæ æндæр хорзæхтæ. Уæдæ ахсæв æппæт аргъуанты дæр ацæудзысты бæрæгбоны аргъуыдтытæ.

Чырыстон дины сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу Цыппурсмæ сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны бындуронæй бацæттæ кæнынц. Йæ хæдразмæ дзы се ххуысы хай бахæссынц кувæг адæм дæр. Елена Тенякова моладзандоны кусджытæн феххуыс кæны алы аз дæр. Фефснайы аргъуаны, дзуарынывтæ саив кæны заз бæласы къалиутæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ардæм æрбацæуы йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ, стæй стыр уарзондзинадимæ.

 Цыппурсы размæ бонты моладзандоны ам фæкусынц хицæн фæткмæ гæсгæ. Фылдæр æууæндынц бæрæгбоны алæмæты тыхыл. Саив кæнынц æрмæст аргъуан нæ, фæлæ æппæт территори дæр. Равæрынц дзы Чырыстийы райгуырдимæ баст композицитæ. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма Вифлеемы фесты æмæ ацы стыр цау хи цæстæй фены.

Цыппурсы бæрæгбоны æххæстæй банкъарынæн æлы мадзæлттæ сарæзтой сыгъдæг Елизаветæйы центры дæр, цæттæ дзы кæнынц концертон программæ. Бындурон цалцæджы фæстæ йæ дуæрттæ байгом кодта сабитæн. 2-æм январы сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны райдыдтой Цыппурсы каникултæ. Сывæллæттæ архайынц алыхуызон къордты, æфтауынц сæ удварны хæзнатыл.

Сыгъдæг Елизаветæйы центр арæзт æрцыди 2006-æм азы. Реабилитационæй йæ раивтой уырнæг адæмæн рухстауæнмæ. Ныр иу суазæг кæндзæн æппæт Уæрæсейæ кувæг адæмы.

Рæзгæ фæлтæры цард моладзандонимæ баст у сæ сабибонтæй фæстæмæ. Æмæ ацы Цыппурс дæр сбæрæг кæндзысты иу стыр бинонтау.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania