Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ
335 милуан сомы республикæйы бюджетæй дихгонд æрцæудзæн, 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн фиддонтæн. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Фиддонтæ дæттын райдайдзысты 3-æм февралæй æмæ сæ æххæст кæндзæн Уæрæсейы Социалон Фонд. Уымæй уæлдай, министрад кусы социалон паспорттæ æрмæст мобилизацигонд адæмæн нæ, фæлæ Сæрмагонд Æфсæддон Операцийы архайджытæн се ппæтæн дæр скæныныл. Сергей Меняйло æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сосланæн бахæс кодта, Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Реутовимæ сбæрæг кæнын, тагъд æххуысы бригадтæ куыд кусынц, æмæ системæ ахæм хуызы саразын, цæмæй машинæйы рацыд нормативтæн дзуапп дæдта. Уымæй уæлдай, ныхас цыди миты фæстæ горæты уынгты уавæрыл.
Уымæй уæлдай, республикæйы Сæргълæууæг бадомдта, завод Электроцинкæй клинкер раласыны мадзæлттыл бакусын. Куыд загъта, афтæмæй йын фембæлд уыди Уралы хæххон металлургон компанийы минæвæрттимæ, уыдон ацы фарстайы фæдыл сæ хæстæ сæххæст кæнынæй зæрдæ бавæрдтой. Аппаратон æмбырды ма æрныхас кодтой ацы азæн фæндаггон куыстыты бæрцыл дæр. Бындурон рацарæзты объектты хæрдзтæ схæццæ уыдзысты иу миллиард 79 миллуан соммæ. 565 милуаны райсдзысты национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» фæлгæты.




