Горæты службæтæ ахæм уавæрты кусынмæ цæттæ сты
Горæты хъармгæнæнтæ бæрæгбæтты куыстой æрвылбоны фæткмæ гæсгæ, ацы къабазы къуылымпыдзинæдтæ нæ уыди. Специалисттæ рагагъоммæ скодтой профилактикон мадзæлттæ, зæронд кусæнгæрзтæ баивтой ногтæй, цæмæй фæлладуадзæн бонты æнæнхъæлæджы уавæрты ма бахауой, уый тыххæй. Спецэкосервисы кусджытæ та æхсæвæй бонæй æфснайынц, фæндæгтыл чи ныхъхъæбæр, уыцы мит æмæ их. Фыццаг уал базылдысты хидтæм. Горæты администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеславы амындмæ гæсгæ, уæлдай æргом здæхт цæуы къахвæндæгтæм. Дзæуджыхъæуы уынгты зилы сæрмагонд техникæйы 24 хуызы æмæ фæндæгтæ пырх кæнынц змис æмæ цæххæй. Куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.
Дзусты Ибрагимы уынджы 7-æм хæдзары хъармгæнæн республикæйы нымад у æппæтæй стырдæртæй иуыл. Тæвд донæй ифтонг кæны æмæ хъарм кæны 300 хæдзары. Уый горæты цæгат-ныгуылæн районы 5 уынджы. Хъармгæнæн сезоны хæдразмæ дзы скодтой профилактикон куыстытæ, уымæ гæсгæ зымæгыл сæмбæлдысты цæттæйæ. Автоматизацигонд системæйы куыстмæ цæстдард цæуы суткæйы дæргъы. Сæрды ивд æрцыдысты донцъирæнтæ дæр. Цæгат-Ныгуылæн районы ацы къабазæн дзуаппдæттæг куыстуаты хицау Хадыхъаты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, афæдзы райдианæй аварион уавæртæ нæма уыди.
Ацы боны мит кæй рауарыди, уымæ гæсгæ коммуналон кусджытæ архайынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Горæты службæтæ ахæм уавæрты кусынмæ цæттæ сты. Фæндæгтыл кæнынц змис цæххимæ хæццæйæ. Æрвылбон 100 адæймаджы онг архайынц бæлццæтты æдасдзинадыл, æххæст сты сæрмагонд техникæйæ дæр. Фæлæ ма уæддæр горæты ис, æркæсын кæмæ хъæуы, ахæм фæндæгтæ.
Мит æруарды фæстæ горæты фæндæгты уавæрыл Сергей Меняйло æрдзырдта аппаратон æмбырды дæр. Регионы разамонæг горæты администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеславæй бадомдта, куыд машинæты фæндæгтæм, афтæ къахвæндæгтæм дæр базилын.
Куыстытæ æнæрлæугæйæ цæуынц æрмæст боныгон нæ, фæлæ æхсæвыгон дæр. Фæндæгтыл пырх кæнынц реагенттæ. Æртæ бонмæ спайда кодтой 6 сæдæ тонны змис æмæ цæххы змæстæй.




