филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:35 воскресенье, 01 февраля 2026
11 января 2023, 11:32
Адæмон кафты инклюзивон ансамбль «Зæринæ» хъуыстгонд у йæ зæрдиаг архайдæй

Фæлæ ныртæккæ  коллективы куыст æййафы зындзинæдтæ

Адæмон кафты инклюзивон ансамбль «Зæринæ» хъуыстгонд у йæ зæрдиаг архайдæй. Цæуы йæм бирæ сабитæ. Се хсæн, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ дæр. Сывæллæтты фылдæр хай дзы архайы лæвар. Фæлæ ныртæккæ  коллективы куыст æййафы зындзинæдтæ. Бабæрæг сæ кодта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Националон музыкæйы зæлтæм хъусгæйæ фæсивæд cæ арæхстдзинад фылдæр кæнынц кафынæй. Чызжытæ иухуызон, лæппутæ  æндæрхуызон. Ансамблы архайы сæдæ адæймагæй фылдæр.  Ахуырдзауты хсæн – сe нæниздзинадмæ гæсгæ сæ уавæртæ сæ зæрдæйы фæндон кæмæн не сты, ахæм сывæллæттæ. Хуыбецты Давид кафты сусæгдзинæдтæ базоныныл архайы  æртæ мæйы дæргъы.  Æрыгон адæймаг хъæрзы цæстыты низ катарактæйæ.  Фæлæ йæ уый нæ хъыгдары адджинæгтæ кæнæгыл ахуыр кæнын, уыимæ ацы къорды архайын.

Се нæниздзинад цудыд кæмæн у, стæй раздæры рæстæджыты амынæты чи бахауд, уыдоны сывæллæттæ ам ахуыр кæнынц лæвар. Добаты Светланæйы лæппуйы чызг кафты ансамблы архайы æртæ азы. Уыцы рæстæгмæ  йæ коллективимæ райста гран – при, стæй уæлахиздзау сси бирæ конкурсты.

Адæмон кафты ансамблы аивадон разамонæг, Рахизфарсы районы инвалидты æппæтуæрæсеон æхсæнады хайады  сæргълæууæг Хъайтмазты  Мæдинæ куыд зæгъы, афтæмæй йын ахсджиаг уыд Беслæны сывæллæттæн æмбæлгæ уавæртæ саразын. Цæмæй дзы алчи дæр йæ рæстæг зæрдиагæй æрвита, уыимæ арой сæхицæн æмбæлттæ. Фæлæ коллективмæ ис фарстайаг хъуыддæгтæ дæр.

Адæмон кафты ансамбль архайы пъадвалы. Раздæр дзы уыд афтек. Сывæллæттæн дзы зымæг зын архайæн у, уымæн æмæ дзы у уазæл, уалдзæджы та дзы вæййы æгæр æнуд. Ансамблы разамынд сывæллæттæн скодта дзаумæттæ ивæн бынат. Бацæуæны ныууадзынц сæ дзабыртæ. Костюмтæ дарæн уат дæр ис ам. Уыимæ бæстыхаймæ нæ хæццæ кæны боныгон рухс, стæй уæлдæф. Къултæ аскъудысты, пъолыл та тыд ис зæронд линолеум. Бæстыхай хъарм кæны – тепловентилятор. Фæлæ уый къулты уымæлдзинадæн ницы æххуыс у.

Коллективы разамонæг йæ курдиатимæ уыд Рахизфарсы районы администрацийы дæр. Культурæйы  управленийы цæттæ сты концерттæ аразынæн зал радтынмæ, фæлæ репетицитæ кæм кæной, ахæм бынат ссарын  та у зындæр. Фæлæ сын баххæуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдтой.

Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый, æмæ уыцы бынат хъуамæ дзуапп дæдта æппæт санитарон домæнтæн. Бæстыхай хъуамæ уа стыр, æмæ хъарм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania