11 января 2023, 11:34
Уæрæсейы гвардийы кусджытæ арфæ ракодтой Бæйцаты Даринæйæн æмæ Астемырæн
Уымæй уæлдай сæххæст кодтой сывæллæты бæллиц æмæ сæ базонгæ кодтой службæйы куыстимæ
Уæрæсейы гвардийы цæгатирыстойнаг хайады кусджытæ, æппæтуæрæсеон ногбонты акцийы домæнтæ æххæстгæнгæйæ, арфæ ракодтой Бæйцаты Даринæйæн æмæ Астемырæн. Уымæй уæлдай сæххæст кодтой сывæллæты бæллиц æмæ сæ базонгæ кодтой службæйы куыстимæ. Хо æмæ æфсымæрæн скодтой экскурси æмæ сын равдыстой, бронетранспортер куыд кусы уый. Сæ куысты миниуджыты тыххæй сын радзырдтой кинологтæ дæр æмæ сын равдыстой ахуыргонд куийты. Сывæллæттæ уымæй уæлдай сæхиуыл скодтой æфсæддон уæлæдарæс. Экскурсийы кæрон та сын Митын Дада æмæ Митын Чызг ракодтой адджын лæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ




