филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:50 воскресенье, 01 февраля 2026
12 января 2023, 11:10
Ивгъуыд азы кæрон архайдта Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон советы æмбырдмæ цæттæгæнæн семинары

Ахуырадон центр «Стартап»-ы разамонæг Гаглойты Азæмæт сси иунæг архайæг Цæгат Ирыстонæй

Фæсивæдон политикæ нырыккон уавæрты. Ацы фарстайыл ныхас цыд Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон советы æмбырдмæ цæттæгæнæн семинары. Ахуырадон центр «Стартап»-ы разамонæг Гаглойты Азæмæт сси иунæг архайæг Цæгат Ирыстонæй. Радзырдта, фæсивæды амалхъомдзинадмæ æмхиц кæныны программæ «Алания бизнес акселератор»-ы хатдзæгты тыххæй. Дæтты хорз гæнæнтæ. Зæгъæм, проекты фæрцы 3 æрыгон амалхъом адæймаджы сæ тыхтæ баиу кодтой æмæ кусынц иу брендыл. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы.

Сæракæй дзаумæттæ Тебиаты Давид кæны 6 азæй фылдæр. Сæ цæттæ кæныны зындзинадмæ гæсгæ сты алыхуызон. Паспорты цъæрттæй райдай æмæ хызæгтæй фæуы. Раздæр уыд аразæг. Фæлæ сфæнд кодта йæ дæсныйад аивын. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддаджы йæхи раргом кодта.

Рæстæгимæ йæм сæвзæрд хи хъуыддаг райрæзын кæныны фæнд. Афтæмæй райгуырд бизнес-проект. Стыр æххуыс ын фæцис, фæсивæды амалхъомдзинадмæ æмхиц кæныны программæ «Alania business accelerator». Йæ фæрцы Давид ссардта иузæрдион адæмы, æмæ ныр иумæ кусынц æнæхъæн брендыл. Уый цæттæ кæны уæлæдарæс. Алчидæр йæхи куыст кæны, сæ нысан та иу у.

Ацы программæ æххæст кæныны хатдзæгтæ Гаглойты Азæмæт равдыста бæрзонд æмвæзадыл. Ивгъуыд азы кæрон архайдта Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон советы æмбырдмæ цæттæгæнæн семинары. Йæ темæ – фæсивæдон политикæ.

Семинары Цæгат Ирыстонæй Азæмæт уыд иунæг минæвар. Йæ фæндонтæм æркæсдзысты Паддзахадон советы хæстæгдæр уæрæхгонд æмбырды дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania